Имя
Манана
Фамилия
Тибилова
Специальность
Учитель
Материалы
Раздел: Родной язык
Разработка урока по осетинской литературе в 5-ом классе Тема : «В мире устного народного творчества» Разработала Тибилова Манана Александровна учитель осетинского языка и литературы МБОУ СОШ № 43 г. Владикавказ 2015 Темæ: “Адæмон сфæлдыстады дунейы” Урок-викторинæ 5къласы Нысантæ: 1. Рацыд фольклорон уацмыстыл афæлгæст саразын; 2. Скъоладзауты ахуыр кæнын хъуыдытæ раст дзурын, хибарæй хатдзæгтæ кæнын, фольклорон уацмыстæн сæ жанртæ иртасын; 3. Сабиты зæрдæты гуырын кæнын хæлардзинад, адæмон дзургæ сфæлдыстад зонынмæ цымыдисдзинад. 4.Проекттæ хъахъхъæныныл ахуыр кæнын скъоладзауты Эпиграф: “Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй, йæ дзыхæйдзургæ сфæдыстад ын куы нæ зонай, уæд” М.Горький. Урочы фалгонц: фæйнæг, компьютур, чингуыты равдыст, индивидуалон хæслæвæрдтæ. Урочы цыд: 1. Бацæттæгæнæн рæстæг Урочы мотивации. Беседæ. Абон нæм æрбацыд уазджытæ, Уыдон сты мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ æмæ ма сын фенын кæнæм цæмæ арæхсæм, уый. Уæдæ-ма зæгъут -Цæмæн ахуыр кæнæм мадæлог æвзаг? -Æз ахуыр кæнын ирон æвзаг, уымæн æмæ дæн ирон лæппу (чызг) -Æз ахуыр кæнын ирон æвзаг, уымæн æмæ Х. Къоста дæр дзырдта мæ мадæлон æвзагыл -Æз ахуыр кæнын мадæлон æвзаг, уымæн æмæ цæрын Ирыстоны. -Æз ахуыр кæны ирон æвзаг, уымæн æмæ Ирыстоны алчидæр хъуамæ зона ирон æвзаг. -Æз ахуыр кæнын ирон æвзаг, цæмæй Дзасохты Музаферы ныхæстæ æххæст кæнон “Кæд дæ ирон, уæд де’взаг зон” 2. Сæйраг хай Абон урокмæ эпиграфæн равзæрстон Максим Горькийы ныхæстæ (кæсын сæ фæйнæгæй). Зæгъут-ма, цы нысан кæнынц ацы ныхæстæ? Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут мингай азты дæргъы цы адæмон сфæлдыстад æвзæрдис уым цы æвдыст цæуы? -Адæмон дзургæ сфæлдыстады æвдыст цæуы нæ рагфыдæлты истори, нæ æгъдæуттæ -Уæдæ- ма зæгъут, цы хонæм адæмон сфæлдыстад? -Адæм кæсын æмæ фыссын куы нæ зыдтой, уæддæр се’хсæн уыдис ахæм лæгтæ, кæцытæ дзырдтой, таурæгътæ, аргъæуттæ, кадджытæ æмæ дзургæйæ цыдысты фæлтæрæй – фæлтæрмæ. Уыцы дзургæ хæзнатæ схуыдтой адæмон сфæлдыстад. -Цавæр ном ма йын ис? (фольклор) -Уæдæ куыд хуыйны нæ абоны урочы темæ? (фæйнæгыл фæзынд фыст “Адæмон сфæлдыстады дунейæ”) -Нæ куыст традицион хуызы саразæм, æви викторинæйы хуызы? Кълас дихгонд цæуы 3 къордыл. Алы къордæн дæр ис йæхи разамонæг. Алы къордæн дæр хæдзармæ лæвæрд уыди цыбыр проекттæ саразын адæмон сфæлдыстады хуызтæй. Байхъусæм-ма сæм. 3. Ныр та проектон куыстытæ Фыццаг къорды проектон куыст “Ирон адæмон аргъæуттæ” (доклад æмæ компьютерон презентации). Улæфт-релаксаци А-г. Фыццаг къорды уæнгтæ нын тынг зæрдæмæдзæугæ равдыстой сæ проектон куыст “Ирон адæмон аргъæутты” тыххæй. Фæлæ махæн нæ Ирыстоны æрдз йæхæдæг аргъæутты бæстæйы хуызæн рæсугъд у. Ракæсут-ма кæм-ма ис фенæн ахæм рæсугъддзинæдтæн. (Интерактивон фæйнæгыл Ирыстоны æрдзы нывтæ, зæлы музыкæ). Цæстытæ бацъынд кæнут, æмæ нæ мидхъуыдыты февзæрдзыстæм Ирыстоны кæмттæй иуы. Аулæфыдыстæм æмæ байхъусæм дыккаг къорды проектон куыстмæ 4. Дыккаг къорды проектон куыст: “Нарты кадджытæ” (доклад æмæ компьютерон презентаци) 5. Сценкæ (Сырдоны хъуг). Ах-г. Сывæллæттæ, мах бакастыстæм Нарты гуыппырсарты тыххæй презентацимæ. Нарт нæ уарзтой сайын æмæ давын. Ахæм миниуджытæ кæмæ уыдис, уыдоны та се’хсæнмæ дæр нæ уыгътой. Уымæ гæсгæ нæртон адæм нæ уарзтой Сырдоны. Фæлæ Сырдон уыдис зондджын, цыргъзонд, хинæйдзаг æмæ æрхъуыдыджын адæймæг. Уымæ гæсгæ-иу æй Нарт сæ хъуыддæгтæм бауагътой. 6. Æртыккаг къорды проектон куыст “Уыци-уыцитæ æмæ æмбисæндтæ” Къорды разамонæг: Мах бацæттæ кодтам къулыгазет (кæсы уыци-уыцитæ æмæ æмбисæндтæ) Байхъуыстам къордты проектон кустытæм, аргъ сын скæндзыстæм, ныр та уал рахизæм нæ викторинæмæ. 7. 1-аг хæслæвæрд – фæрстытæн дзуапп раттын: 1. Нартæ цал мыггагыл дих кодтой? (Нартæ дих кодтой æртæ мыггагыл) 2. Чи сты Æртæ Нарты? Кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц? (Æхсæртæггатæ – тыхджын, æхсарджын, хъæбатыр. Борæтæ-бонджын, хъæздыг. Алæгатæ – зондджын, куырыхон, уæздан) 3. Нарты хæцæн бон кæцы бон уыди? (Майрæмбон) 4. Чи уыдис Нарты хистæр? (Уæрхæг) 5. Чи сарæзта ирон бæгæны? (Сатана) 6. Чи сарæзта ирон фæндыр? (Сырдон) 7. Аргъæуттæ сæ хъуыдыæ гæсгæ цавæртæ вæййынц? (Цæрæгойты, цардуаджы, алæмæты аргъæуттæ) 8. Цæмæй хицæн кæны адæмон аргъау литературон аргъауæй? (Адæмон аргъауæн нæ вæййы варианттæ, литературон аргъауæн æрмæст иу вариант) 9. Цæмæй хицæн кæнынц аргъæуттæ æмæ таурæгътæ? (Таурæгъы хъайтар вæййы, æцæг чи царди ахæм адæймаг, вæййы йын ном æмæ мыггаг, аргъауы та вæййы æрымысгæ хъайтар) 10. Адæмон хъайтар Чермен кæмæй уыди, æмæ кæм царди? (Тлаттаты Чермен царди Хъобаны) 11. Цы сты æмбисæндтæ? 12. Куыд æмбарут ацы æмбисонды мидис? “Нарт дæр æмдыхæй архайдтой”. 13. Базонут-ма ацы уыци-уыци: “Дзых ын нæй, афтæмæй дзуры”. 2-аг хæслæвæрд – дзырдуат баххæст кæнын Цы уацмыстæ рацыдыстæм, уым æмбæлынц ацы дзырдтæ: Цы нысан кæнынц дзырдтæ? 1. Калак – 2. Мусонг – 3. Стæр – 4. Хъалон – 5. Уад – 6. Зилахар – 7. Обау – 8. Ронг – 9. Æрхæндæг – 10. Цирхъ – 8. Къордты разамонджыты ерыс. Ныртæккæ та æртæ къорды разамонджытæн ахæм хæслæвæрд: манмæ ис æртæ къонверты. Сæ мидæг ис æмбисæндтæ, сæ дзырдты – хæццæтæ, афтæмæй. Æмбисонд раздæр чи æрæмбырд кæна, уыцы къорд амбулдзæн. (Цалынмæ разамонджытæ кусынц, уæдмæ иу ахуырдзау интерактивон фæйнæгыл æмбисонды æвæры хъæугæ мивдисæг: “Мадæлон æвзаг мады ад…” дзырдтæ: æвзæры, кæны, дæтты) 9. Скъоладзауты проектон куыстытæн аргъ скæнын. (Сæхæдæг дзурынц чи сæ хуыздæр куыста, уый тыххæй). Хатдзæгтæ скæнын. -Цы базыдтам æмæ нæ цæмæн хъæуынц уыцы зонындзинæдтæ? (Сывæллæтты дзуаппытæ) Ах-г: Мах абон дзырдтам ирон адæмон дзургæ сфæлдыстадыл, Нарты кадджытыл, æмбисæндтыл, аргъæуттыл. Æмæ кæд абон махмæ æрхæццæ ирон адæмон дзургæ сфæлдыстад, уæд мах хæс та у, уый дарддæр ахæццæ кæнын нæ фидæны фæлтæртæм. Х. Кæронбæттæны æмдзæвгæ “Ирыстон” кæсы ахуырдзау Æз райгуырдтæн Иры. Уæлладжыр-йæ ном Тæхудйаг æрбауæд Нæ диссаджы ком. Уæлладжыр, Уæлладжыр, Мæ мад дæ, мæ фыд. Кæсы мæм: Уырызмæг Уым цуаны цыд. Кæсы мæм: Сатана Æрвыста уым цард. О, макуы æрхуысса Нæ къонайы арт!.. Абойты Зарæ